Къостайы гуырæнбон

Oct 15, 2011 16:51

Кæфты мæйы 15 боны 1859 азы райгуырдис Хетæгкаты Къоста. Йæ æмдзæвгæтыл цыма нырыккон афоны тыххæй дзуры.




РАКÆС!.. Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд, Нæ зонын мæ мады рæвдыд, Нæ бæстæй фæхицæн дæн сонтæй. Кæмдæрты æнæсæронæй, Æдыхæй, æцæгæлонæй, Мæ уалдзæг æрвыстон фыдбонтæй... Фæхæссон-ма, загътон, уæддæр Фæстæмæ мæ иунæджы сæр Мæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм... Мæ цæстысыг донау мызти, Мæ зæрдæ фырцинæй рызти, - Куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм. Æрцыддæн... Мæхицæй фыддæр Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр, Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм!.. Нæ хæхтæй, нæ тыгъд быдыртæй Æмхуызон нæ иуæн дæр нæй, - Кæм кусæм, кæм цæуæм, кæм бадæм!..
Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд, Нæ зонын мæ мады рæвдыд, Нæ бæстæй фæхицæн дæн сонтæй. Кæмдæрты æнæсæронæй, Æдыхæй, æцæгæлонæй, Мæ уалдзæг æрвыстон фыдбонтæй... Фæхæссон-ма, загътон, уæддæр Фæстæмæ мæ иунæджы сæр Мæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм... Мæ цæстысыг донау мызти, Мæ зæрдæ фырцинæй рызти, - Куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм. Æрцыддæн... Мæхицæй фыддæр Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр, Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм!.. Нæ хæхтæй, нæ тыгъд быдыртæй Æмхуызон нæ иуæн дæр нæй, - Кæм кусæм, кæм цæуæм, кæм бадæм!.. Лæджы хуызæн лæг нæм - ыстæм, Бæрæг дæр нæ нал ис, цы стæм, Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг? - Кæдæмдæр ма хилæм куырмæй... Гъе, Уастырджи, ракæс, цæмæй Нæ фæуæм бынтондæр фыдвæндаг!..

Осетия, Къоста, иронау, ирон æвзаг

Previous post Next post
Up