![](http://upload.wikimedia.org/wikipedia/commons/thumb/b/bb/LocationNicaragua.svg/300px-LocationNicaragua.svg.png)
Никарагуæ (
исп. Nicaragua), кæнæ Республикæ Никарагуæ (
исп. República de Nicaragua) у
Централон Америкæйы паддзахад.
Никарагуæйы атлантикон былгæрон европæйæгтæ ссардтой
1502-æм азы (
Христофор Колумбы цыппæрæм балц).
Уыцы бæстæ
испайнæгтæ сæхи бакодтой
1522-æм азы (
Хиль Гонсалес Давила). Хуссар-хурныгуылæйнаг зæххытыл (
цад Никарагуæ æмæ
Сабыр фурды былгæроны ’хсæн цы зæхкъубал ис, уым) цы
индейæгтæ (ацтекаг знæмтæй иу) цардис, уыимæ испайнæгтæ саразтой бадзырд, æмæ уыцы знæмы фæтæджы ном - Никарао хуындис - рахуыдтой æгас бæстæ. Фæлæ цæгатаг территоритыл испайнæгтæн цалдæр азы бахъуыди хæцын æндæр индейаг знæмтимæ.
XVI æнусы испайнаг конкистадортæ æрæвæрдтой бындур дыууæ сахарæн: цад Никарагуæйы ныгуылæйнаг былгæрон, Атлантикæйæ донвæндаг кæм фæвæййы - сахар
Гранадæйæн, Сабыр фурды былгæрон та - сахар
Леонæн. Индейæгты дзæвгар хай ныццагъдæуыди кæнæ амарди, испайнæгтæ семæ кæй æрхастой, уыцы
низтæй. Æгас чи баззади, уыцы индейæгтæ райдыдтой хæццæ кæнын испайнаг æрлидзджытимæ.
Читать дальше…