Зилгæ

Oct 26, 2010 20:07

Зилгæ у Цæгат Ирыстоны Рахизфарсы районы ирон хъæу.

Зилгæйы цæрынц пысылмон диныл хæст адæм. Хъæуы ис, 2007-æм азы 100 азы кæуыл сæххæст ис, ахæм мæзджыт.

1998
-æм азы 8 июны Зилгæйы цæрджытæ амынæттæй байстой дыууæ автобусы æд 37 пассажиры, Мæхъхъæлы Республикæйæ Налцыккмæ чи цыди. Зилгæйæгтæ домдтой, цæмæй мæхъхъæл суæгъд кæной ирон амынæтты - адæймæгтæ давыны хъуыддаг уæд стынг ис Мæхъхъæлы арæны цур, æрмæст иу мæйы дæргъы Мæхъхъæлмæ адавдæуыд 14 адæймаджы. Уыцы боны æмбисбонмæ зилгæйæгтæ сæ амынæттæ суæгъд кодтой, дыууæ сыхаг республикæйы хицауæдты минæвæртты фæрцы.

Ирыстоны хъæутæй Зилгæ у сæ хистæртæй иу. Æххæст ыл кæны 200 азы.

XIX æнусы райдиан Уæрæсейы паддзах Алыксандр Фыццæгæмы бардзырдмæ гæсгæ Арвыкомы фæндаг аразын куы райдыдтой, уæд сæ Тæгиатæ тынг хъыгдардтой, æмæ уæд хохаг хъæуты - кæм лæгдыхæй, кæм зæрдæлхæнæн лæвæртты руаджы - цæрджыты æрвитын райдыдтой быдырмæ.

Уыдонæй уыдысты зындгонд æлдæрттæ Дудараты Мырзабеджы фырттæ Мæхæмæт æмæ Ахмæт. Цæмæй Ларсæй быдырмæ рацыдаиккой, уый тыххæй Мæхæмæтæн радтой æфсады капитаны цин æмæ цалынмæ цæра, уæдмæ алы аз дæр пенси, Ахмæтæн та чысыл фæстæдæр - майоры цин.

Ларсаг Дударатæн æрцæрæны бынат бацамыдтой Теркæй Хуымæллæджы доны æхсæн Елизаветинсчы фидармæ хæстæг хуымзæххытæ, уыгæрдæнтæ æмæ фосхизæнтимæ. Ам æлдæрттæ æрцардысты фæрсаг лæгтæ æмæ кæвдæсæрдтæ - æппæт 42 хæдзары.

Читать дальше…

Цæгат Ирыстоны хъæутæ, Цæрæнрæттæ алфавитмæ гæсгæ

Previous post Next post
Up