Коварный и циничный осетин встретил добродушного и немного наивного кабардинца. История одной украденной курицы, записанная около ста лет назад:
ИРОН ÆМÆ КÆСГОН
Ирон æмæ кæсгон кæцæйдæр карк радавтой. Куы йæ сфыхтой, уæд загътой:
- Ай нæ кæй фаг уыдзæн, фæлтау æй нæ иу куы бахæра, уæд - хуыздæр.
Уæд ирон афтæ зæгъы:
- Æмæ йæ нæ дыууæйæ чи хъуамæ бахæра?
Кæсгон ахъуыды кодта æмæ йын дзуапп радта:
- Ахсæв нæ хуыздæр фын чи фена, карк райсом уый бахæрæд.
Схуыссыдысты.
Кæсгон куы афынæй ис, уæд ирон сыстад, карк бахордта æмæ та фæстæмæ йæ бынаты схуыссыд. Райсомæй куы рабадтысты, уæд ирон кæсгоны фæрсы:
- Гъы, цы фын федтай?
- Мæ хæлар, диссаджы фын: цыма мæ зæдтæ систой æмæ мæ сæ рухс бынатмæ схастой.
Уæд ирон загъта:
- Æз дæр дæ тæхгæ федтон, афтæ æнхъæлдтон, фæстæмæ нал æрыздæхдзынæ, уымæ гæсгæ карк бахордтон.
Хъороты Дауыты радзырдтæй //
ironau.ru/qoroty.html