Jan 04, 2012 12:32
Мæскуыйы цæрæг ирон лæг Хуыбецты Олег фыссы, йæ царды мидæг, стæй йæ алфамбылай цы цымыдиссаг цаутæ вæййы, уыдоны тыххæй. Цалдæр азы размæ, Мæскуыйы ирæттæн цы æхсæнад ис, уым уыдис фæсивæдон æмбырд. Архайдта дзы Олег дæр. Æмæ уыцы хабары фæдыл ныффыста уац. Мæ зæрдæмæ фæцыдис æмæ йæ ам мыхуыр кæнын. Уæ хорзæхæй, бакæсут æй сымах дæр.
----------------------------
Хуыбецты Олег
ЦАВÆР ÆВЗАГЫЛ ДЗУРÆМ
Мæскуыйы ирæтты æхсæнады разамонджытæ æрфæнд кодтой, цæмæй æрæмбырд кодтаиккой, Ирыстонæй Мæскуымæ чи афтыд æмæ ацы аз Мæскуыйы алыхуызон ахуырдæттæм ахуыр кæнынмæ чи бацыд, уыцы ирон лæппуты æмæ чызджыты.
Сæ нысан - æнгомдæр бабæттын ирон фæсивæды ног фæлтæр Мæскуыйы ирон æхсæнады цард æмæ куыстимæ - банымайын хъæуы вазыгджын, ахсджиаг æмæ тынг хорз хъуыддагыл.
Иу изæр Мæскуыйы ирон хæдзары æрæмбырд сты иу 40-45 æрыгон ирон лæппу æмæ чызджы, 1 курсы студенттæ.
Хъуыддаг афтæ рауад æмæ фæсивæд иууылдæр уыдысты ирæттæ, æрмæст дзы иу уыдис ирон хæрæфырт - сомихаг лæппу Дмитрий. Уый та иронау зоны бирæ ирæттæй хуыздæр.
Хистæр фæлтæрæй хуындмæ æрбацыдысты зындгонд мæскуыйаг ирæттæ, уыдонимæ уыдысты ахуыргонд, композитор, зарæггæнæг, æхсæнадон архайæг, бизнесментæ. Фысымтæ æрæвæрдтой, сæ бон куыд уыдис, ахæм ирон фынг.
Нæ Мæскуыйы ирон хæдзары директор Бедойты Тамарæ фæсивæдæн радзырдта хистæр фæлтæрæй сæм абон чи æрбацыд, уыдоны тыххæй, радзырдта сын сæ æнувыд куыст æмæ ахуыры тыххæй сæ къухы цы æнтыстдзинæдтæ бафтыд, уыдоны тыххæй.
- Дорогие мои юные друзья! - йæ дзырды кæрон загъта Тамарæ, - Вы приехали в Москву учиться. В Москве соблазнов много, но пусть они вас не отвлекут от вашей главной цели - от занятий, от учебы. Осваивайте знания, науки, чтобы потом высоко держать честь осетина! Берите пример со старшего поколения! Только упорный труд позволил сидящим перед вами добиться столь выдающихся результатов!
Уый фæстæ Тамарæ ныхасы бар радта зындгонд ахуыргондæн.
- Мои юные друзья! Вы должны высоко нести честь Осетии и осетинского народа! Иногда встречаются мне некоторые мои земляки, которые вместо того, чтобы изучать заданные предметы, занимаются посторонними делами. Мы должны помнить везде и всегда про нашу Родину, про нашу Республику.
Мы должны трудиться на благо нашего народа, чтобы приумножить ту славу, которую завоевали своим ударным трудом и боевыми подвигами старшее поколение! Вы - будущее Осетии! Вы станете крупными учеными, художниками, писателями, поэтами. Приумножайте богатства родного края! Обогащайте осетинское искусство, культуру, литературу и язык!
Фæсте нæ баззад æхсæнадон архайæг дæр:
- Осетии нужны высококвалифицированные специалисты, инженеры, ученые, писатели, композиторы, артисты театра и кино. Осетия ждет появления писателя уровня Коста, художника - второго Туганова, ученого - второго Абаева, дирижера - нового Гергиева. Мы надеемся на вас!
Зæронд пенсиисæг Мурат дзырдта фæсивæдæн:
- Когда я уезжал в Москву из горного Даргавса, мой дед говорил мне: «... Ты там высоко держи свою честь и достоинство, потому что из-за тебя окружающие тебя люди будут судить о всей нашей Осетии, в целом об осетинском народе...!»
Бирæ хорз ныхæстæ фæдзырдтой Мæскуыйы ирон хистæртæ нæ фæсивæдæн.
Фембæлды фæстæ æз мæхи нал баурæдтон æмæ афарстон Мураты:
- Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, дæ фыды фыд Дæргъæвсы демæ уырыссагау дзырдта æви иронау?
общество,
осетинский язык