Обращение молодежи Фиагдона

Apr 04, 2013 10:21


Куырттаты комы цæрджыты
æмæ комæй рацæугæ мыггæгты
фæсивæды æмбырды
СИДТ
       Йæхи курттатаг чи хоны, районы æмæ Ирыстоны Хицауадмæ сидæм!
Нæ ком, раздæр уыди кадджын æмæ хъуыстгонд йæ æгъдауæй, йæ адæмы уæздандзинадæй, йæ номдзыд цæрджытæй. Уыцы хабæрттæ æртæккæ нæ бон у æрмæст мысын. О, бирæ адæм нæм цæуы уылæфынмæ, фæлæ сæ фылдæр се æнæфсарм æмæ æнæгъдауæй чъизи кæнынц ком, нæфæтчыйаг митæ кæнынц нæ дзуартты æмæ кувæндæтты.
Раууатмæ æрцыдысты фыдæлтæй нын цы баззад уыцы хæзнатæ: мæсгуытæ, дзæппæзтæ æмæ кувæнбынæттæ.  Нæ раг фыдæл, сæдæ ирон мыггагæй фылдæр кæмæй равзæрд, уыцы Куыртайы мæсыг æмæ дзæппаз хæлæццагæй лæууынц. Æрмæст нæм тагъд рæзынц галуантæ, улæфæн бынæттæ, хæрæндæттæ æмæ æндæр хабæрттæ, нæ фыдæлтæ сæ сæрмæ кæй нæ хастой, уыдон. Доны былтæ та брондæттæ систы.
Уыдон æсты æртæккæ нæ хæзнатæ?!
Сидæм уазæгуаты, уылæфынмæ, фыдæлты хæзнатæ æмæ æрдзы рæссугъддзинæдтæ уынынмæ нæм чи цæуы уыдонмæ- Уæхи уæздандæр дарут! Ком у дзуæртты бынат æмæ æнæгъдау митæ дзы ма кæнут, æвзæр фыдæй физонджытæ ма аразут, уæ фæстæ иу бафснайут.
Сидæм æппæт Ирыстоны адæммæ, йæ зæрдæ кæмæн рисы йæ райгуырæн зæххыл, æрбалæууæм кæрæдзи фарсмæ.
Бакусæм нæ кæмты кад æмæ намыс уæлдæр кæныныл, се `гъдау æмæ сыгъдæгдзинадыл!!!

æгъдау, обращение, Ирондзинад, Куртатинское ущелье, субботник

Previous post Next post
Up