Nov 01, 2010 23:22
Арæх фехъусæм сидт, цæмæй нæ мадæлон, ирон æвзагыл дзурæм. Фæлæ уыцы рæстæг рох кæнæм, æрмæст иронау дзурын кæй нæ хъæуы, фæлæ ма æнæмæнг кæй у, ирон æвзагыл фыссын дæр. Æрæджы федтон иб блог уадзæгмæ информации, зæгъгæ, хицауады документтæй сæ иу иронау фыст кæй æрцыд, мæ блог уадзæгмæ йæхимæ уыцы хъуыддаг тынг диссаг фæкаст, уый дзурæг у ууыл, æмæ иронау адæм фыссын нал зонынц. Ацы хъуыддаг фæивыны хъуыддагмæ мæн дæр фæнды мæ хайбавæрд бахæссын æмæ бахъавыдтæн мæ блогы иронау спорты фæдыл информации сывæрын.
Стыр æнтыст.
9 майданы рамбылдтой Хуссар Ирыстоны спортсментæ г. Анапайы цæуæг Хуссар æмæ Цæгат Кавказы зылдты, респубуликæтæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы адæмты спортивон хъæзтыты. Уым Хуссар Ирытстоны минæвæрттæ сæ тыхтæ фæлвæрдтой спорты 6 хуызæй ерысты æмæ дзы дыууæйы нæ республикæйы минæвæрттæ Кæсæбиты Алыксандр æмæ Джиоты Рамзес систы сæ уæзты категориты уæлахиздзаутæ. Алыксандр хайад иста уæззау атлетикæйы ерысты, Рамзес та йæ тыхтæ фæлвæрдта дзюдойы. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Алыксандр ма ацы ерытсы кæй фæуæлахиз 2008 азы, уæд ацы æнтытс йæ къухты бафтыд 94 кг. уæзы архайгæйæ, ныр дæр та йæ уæз ахæм уыд, фæлæ ацы уæзы ма нæ иннæ спортсмен Æлборты Болат кæй архайдта, уый тыххæй æмæ ма йын йæ хорз цæттæдзинад зонгæйæ, тренертæ свæнд кодтой ноджы уæззау дæр уæзы категоримæ ракæнын. Алыксандр 105 кг уæзы архайæг штангистты хсæн дæр йæхи равдыста тынг хорз æмæ та йын ам дæр нæ разынд аккаг ныхмæлæууæг. Дыууæ истæн 310 кг сисгæйæ (рывок кæй хонынц уым систа 140 кг., толчокы та 170) ссис ерысты уæлахиздзау. Алыксандр йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй йæ бон уыд 330 кг. бæрæггæнæн дæр фенын кæнын, фæлæ йæм йæ ныхмæлæуджытæй, сæ архайдмæ гæсгæ, æввахс дæр кæй ничи бацыд, уый тыххæй помостмæ рахизынæнын ма йын цы гæнæнтæ уыд, уыдонæй нал спайда кодта. Алыксандры тренертæ сты Тыбылты Хасан æмæ Кæсæбиты Инал, раздæр та йæ цæттæ кодта Тасойты Олег. Ерысты нæ иннæ уæлахиздзау Джиоты Рамзес дæр фыццаг хатт нæ исы хайад ацы ерысты. Уый фарон дæр фæлвæрдта йæ тыхтæ ацы ерысты, фæлæ уæд фыццаг тохы фæхæрд, фæлæ ныр йæхи бацæттæ кодта хорз æмæ йæ ныхмæлæуджыты иууылдæр рамбулгæйæ ссис йæ уæлахиздзау. Рамзесы тренер та у Дзукъаты Инал.
Хуссар Ирыстонæн æвзист майдантæ та рамбылдой уæгъдибархæцæг Плиты Алан æмæ штангист Æлборты Болат. Ацы дыууæ дæр ныр дыккаг хатт исынц хайад ацы ерысты æмæ кæд Алан ныр æнтысджынæй дæр равдыста йæхи( фыццаг хатт ницы рамбылдта), уæд Болатæн ацы хатт, абаргæйæ,(2008 азы уыд ерысты уæлахиздзау) афтæ хорз нæ ацыдысты йæ хъуыддæгтæ.
Ерысты 3-аг бынæттæ та бацахстой уæгъдибархъæбысхæцджытæ Къозонты Инал, Тадтаты Давид, Цоциты Батрадз, штангист Габаты Ацæмæз æмæ дзюдоист Кæсойты Къоба. Нæ делегацийы сæргълæууæг, спорт æмæ физкультурæйы управленийы хистæры хæдивæг Тедеты Владимир куыд загта, афтæмæй нæ республикæйы спортсментæ ацы ерысты хайад исынц æртыккаг аз фæд-фæдыл, фæлæ дзы иууыл фылдæр майдантæ ныр рамбылдтой.
ирон