Бæрæгбоны концерт

May 18, 2012 15:55


   Зæрдæвæрæны мæйы 15 бон æппæт ирон адæм дæр бæрæг кæнынц сæ мадæлон æвзаджы бæрæгбон. Аив мадзал ацыд Дзæуджыхъæуы, сывæллæтты сфæлдыстады галуаны.



Хъæлдзæг кафты базыртыл фæсивæд зæххыл дæр нал хæцыд.



Хуыздæр ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ хорзæхгонд æрцыдысты Кады гæххæттытæй æмæ фæйнæ 200 000 10 000, 7000, 5000 сомæй (бынæттæм гæсгæ).



Зындгонд фæндырдзæгъдæг Дзуццаты Сослан булæмæргъау зарыд.



Театр "Амыран"-ы сахъхъгуырдтæ йæ уайтагъд афæзмыттой.



Бæтæхъойыхъæуккаг сывæллæттæ равдыстой драмæ "Чермен"-æй скъуыддзаг.



Сомихаг лæппу Эмиль Оганесян бандонтæ сæрæн ацамадта æмæ галуаны сæр февзæрыди.



Кæронбæттæны сæ курдиат равдыстой æрыгон кафджытæ.



Уыйадыл та фæци дæ бæрæгбон, мæ мадæлон æвзаг... Куыд хъæлдзæгæй кафыдысты, зарыдысты, æмдзæгъд кодтой адæм, бæргæ, дæ фидæн дæр афтæ зæрдæрухс куы уаид...
   Ныр та уал, уæ хорзæхæй, бакæсут бæрæгбоны концертмæ.

image Click to view

бæрæгбон, ирон æвзаг, праздник, осетинский язык, концерт

Previous post Next post
Up